Мака Бочъоришвили - хицауад æмæ минæварадтæ алы гæнæн аразынц, цæмæй æппынæдзух бастдзинады уой æмбæстæгтимæ, нæ бон нæу райсæм критикæ, цæмæй æмбæстæгтæ æвзæрст цæуынц цыфæнды критеритæм гæсгæ
Гуырдзыстоны хицауад æмæ Гуырдзыстоны минæварадтæ алы гæнæн аразынц, цæмæй æппынæдзух бастдзинады уой сæ æмбæстæгтимæ æмæ махæн æнæмæнгæй нæй гæнæн райсæм исты критикæ, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты æвзæрст цæуы исты бындурыл – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили расидтис.
Министры ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон йæ бонæй архайы йæ æмбæстæгтæн баххуыс кæныныл.
«Гуырдзыстоны алы æмбæстагæн дæр ис фадат бадæтта Гуырдзыстоны минæварадтæм æмæ раргом кæна сæ фæндон, кæд æмæ сæ фæнды сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхын.Ам ис иу нысаниуæгджын фактор, кæцыйы мах хъуамæ банымайæм.Уыцы бæстæты, кæцыты ныртæккæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ сты, ацы цауы ныхас цæуы Иугонд Араббаг Эмираттæ æмæ Катары тыххæй, уым уæлдæфон тыгъдад у æхгæд æмæ дыууæйы дæр нæй гæнæн рацæуын. æртыккаг бæстæты æмбæстæгтæм, кæцытæ баззадысты ацы паддзахадты, стыр лæмбынæг ахаст дарынц æмæ æххæст кæнынц алцыппæт, цæмæй уой сабыр æмæ суанг сæ уæвыны хæрдзтæ дæр бамбæрзой, уый æнæмæнгæй у тынг ахсджиаг къахдзæф ацы паддзахадты æрдыгæй æмæ нын бузныг зæгъынæй дарддæр ницы ис. коммерцион рейстæ, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта нæ æмбæстæгтæн Гуырдзыстонмæ æнæаргъæй æрыздæхыны фадат раттын», -расидтис Бочъоришвили.
Мака Бочъоришвилийы расидæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæстæмæ бæстæмæ æрыздахыны тыххæй, абон плангонд у ноджы иу рейс.
«Абон райсомæй ныридæгæн сырæзт иу рейс Оманæй.Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æрыздæхтысты Гуырдзыстонмæ Маскатæй.Абон плангонд у радон сæрмагонд рейс дæр, кæцы ацы цауы сырæздзæн Сауды Аравийæ.Архайæм нæ æмбæстæгты куыд гæнæн ис афтæ хæстæгдæр бынæттæй райсын, цæмæй аэропортмæ æрцæуыны размæ ма æнкъарой уæлæмхас дискомфорт æмæ Гуырдзыстоны змæлды рæстæджы уæлдай проблемæтæ ма уа. Гуырдзыстоны минæварадтæ алы гæнæнæй аразынц, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтимæ æнæрлæугæйæ уой бастдзинады, æмæ ацы цауы, æнæмæнгæй нæ райсдзыстæм исты критикæ, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æвзæрст цæуынц цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, уый у æргом мæнгдзинад, кæцыфæнды Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцы Гуырдзыстоны минæварадтимæ телефоны æрбадзурын кæнæ электронон почтæйæ бастдзинад райста» – загъта министр.