Мака Бочъоришвили Казахстаны æдтаг хъуыдтæгты министримæ телефонæй фæныхас кодта
Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили æмæ Казахстаны республикæйы фæсарæйнаг хъуыдтæгты министр Ермек Кошербаевы æхсæн 30-æм декабры телефонон ныхас сырæзт.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, министртæ позитивонæй саргъ кодтой дыууæфарсон ахастыты динамикæйæн 2025 азы.
«Ныхасы рæстæджы хъусдард здæхт уыд базарадон-экономикон æмæ транзитон-логистикон фадгуыты æмгуыстад фæарфдæр кæныны нысаниуæгмæ.
Афтæ дæр фарсытæ банысан кодтой бæрзонд æмвæзады визитты баивды нысаниуæгдзинад, кæцы ахъаз кæны дыууæ бæстæйы æхсæн политикон диалогы дарддæры рæзтæн æмæ æруынаффæ кодтой фидæны плантыл» – ис фыст Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.