Мака Бочъоришвили Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблейы генералон дебатты 80-æм сессийы хайад райсдзæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Америкæйы Иугонд Штаттæм ацыд.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, Мака Бочъоришвили, Гуырдзыстоны президент Михаил Хъавелашвилиимæ иумæ, Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблейы Генералон Дебатты 80-æм сессийы хайад райсдзæн.
Визиты рæстæджы æттаг хъуыдтæгты министры бæрзонд рангы фембæлдтæ уыдзысты æмкусæг министртимæ.
Бочъоришвили Мака афтæ дæр плангонд у æндæр æмæ æндæр форумтыл раныхас кæнын æмæ бæрзонд æмвæзады мадзæлтты хайад райсын.