Мака Бочъоришвили фембæлд Узбекистаны республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министримæ
Мака Бочъоришвили фембæлд Узбекистаны республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министримæ

Самарканды, ЮНЕСКО-йы генералон конференцийы фæлгæтты, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Узбекистаны республикæйы æттаг хъуыдтæгты министр Бахтиор Саидовимæ фембæлд.

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, фарсытæ дыууæфарсон æмæ бирæфарсон ахастыты уæрæх спектрыл фæныхас кодтой, се æхсæн политикон, экономикон, культурон-гуманитарон æмæ æппæтдунеон организациты мидæг æмкуыстдзинад. Банысангонд æрцыд бæрзонд æмæ уæллаг æмвæзады визитты динамикæ, кæцытæ ахъаз кæнынц Гуырдзыстон æмæ Узбекистаны æхсæн бастдзинады рæзтæн алы фадыджы.

Министртæ Европæ æмæ Азийы æхсæн бастдзинады æрдгæй Гуырдзыстоны ахсджиаг ролыл æмæ Астæуккаг къæлидоры размæцыды перспективæтыл фæныхас кодтой.

Райгондæй банысан кодтой, цæмæй фæстаг азты дæргъы Гуырдзыстон æмæ Узбекистаны æхсæн базарады змæлд сырæзт, афтæ дæр Гуырдзыстонмæ узбекаг уазджыты нымæц фæфылдæр ис.

Ныхасгонд фарстыты æхсæн уыдысты регионы æмæ дунейы æдасдзинады уавæр æмæ æвзарæнтæ. Министртæ бахахх кодтой ацы здæхты иумæйаг архайды ахсджиагдзинад.