Мака Бочъоришвили фембæлд Сомихыстоны Националон Æмбырды æттаг ахастыты комитеты сæрдаримæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили фембæлд Сомихыстоны националон ассамблейы æттаг ахастыты комитеты сæрдар, Гуырдзыстоны уæвæг Саргис Ханданянимæ æмæ йемæ уæвæг делегациимæ.
Æттаг хъуыдтæгты министрады пресс-куыстуаты информацимæ гæсгæ, фарсытæ банысан кодтой Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн бирæвæрсыг стратегион партнерады позитивон рæзт æмæ дывæрсыг æмкуыстдзинады дарддæры размæцыды фадæттæ.
«Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд парламентон дипломатийы нысаниуæгджын рольмæ.Афтæ дæр банысан ис бæрзонд æмвæзады визитты активон динамикæ, кæцы бæстæты æхсæн боны фæткы уæвæг позитивон тенденцитæ бæлвырд кæны.
Акцент æрцыд регионы æнæфæцудгæ сабырад æмæ стабилондзинады сфидар кæныны нысаниуæгдзинад æмæ Гуырдзыстоны цæттæдзинад регионы æдасдзинад, æмгуыстад æмæ размæцыды фæтыхджындæр кæнынæн йæ хайбавæрд бахæссынæн» – банысан кодтой æттаг хъуыдтæгты министрады пресс-куыстуаты.