Мака Бочъоришвили фембæлд ИНО-йы адæймагы барты фæдыл уæлдæр комиссаримæ
Мака Бочъоришвили фембæлд ИНО-йы адæймагы барты фæдыл уæлдæр комиссаримæ

ИНО-йы адæймагы барты советы 61-æм сессийы бæрзонд рангы сегменты фæлгæтты, Гуырдзыстоны æдтаг хъуыдтæгты министр, Мака Бочъоришвили, ИНО-йы адæймагы барты  уæлдæр комиссар Фолькер Тюркимæ фембæлд ауагъта.

Ныхас Гуырдызстоны оккупацигонд территоритыл æдасдзинады уавæрмæ æмæ конфликты сабырадон æрбæстон кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл баххæссыд. Фæсарæн хъуыддæгты министр ИНО-йы боны фæткы оккупацигонд териториты уавæры бæрзонд æмвæзадыл бахъахъхъæныны фарстамæ бацыд. Уый афтæ дæр бахахх кодта, цæмæй оккупацигонд территоритæм бацæуыны æнæмæнгхъæуындзинад ис адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы уæлдæр комиссары офисы æмæ æндæр æхсæнадæмон цæстдарды механизмты æрдыгæй.

Министр банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон ноджы иу хатт бавдисдзæн резолюци ИНО-йы адæймагы барты советмæ – «Гуырдзыстонимæ æмкуыстдзинад».

Фембæлды рæстæджы ныхас баххæсыд Гуырдзыстоны цæугæ процесстыл æмæ регионы æдасдзинады уавæрыл дæр. Фæрстæ равдыстой сæ цæттæдзинад адарддæр кæнын адæймаджы бартæ хъахъхъæныны ахсджиаг фарсты фæдыл æмгуыстад.