Мака Бочъоришвили фембæлд Евросоветы генералон нымæрдар Алэн Берсимæ
Мака Бочъоришвили фембæлд Евросоветы генералон нымæрдар Алэн Берсимæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили Евросоветы генералон нымæрдар  Алэн  Берсимæ фембæлд.

Гуырдзыстоны æдтаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, фарсытæ Гуырдзыстоны æмæ Евросоветы æхсæн æмкуыстдзинадыл æмæ организацийы боны фæткы уæвæг актуалон фарстатыл фæныхас кодтой.

Акцентгонд æрцыд Евросоветы мидæг Гуырдзыстоны суверенитет æмæ територион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинад, афтæ дæр Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликтимæ баст фарстатæ Евросоветы боны фæткы бæрзонд æмвæзадыл сисын.

Фембæлды ныхас цыд бæстæйы нырыккон мидполитикон фарстатыл, æрдзырдтой регионы абоны уавæрыл дæр.