Майк Помпео – АИШ бæлвырд кæны фарсылхæцындзинад уырыссаг агрессийы тæссагдзинады раз уæвæг Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверинитетæн
Майк Помпео – АИШ бæлвырд кæны фарсылхæцындзинад уырыссаг агрессийы тæссагдзинады раз уæвæг Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверинитетæн
АИШ бæлвырд кæны фарсылхæцындзинад уырыссаг агрессийы тæссагдзинады раз уæвæг Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверинитетæн – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, Майк Помпеойы æрвыст Гуырдзыстоны премьер-минстрæн Гиоргий Гахариайæн, фыстæджы ис фыст. Афтæ дæр Помпео арфæ кæны премьер министры пост бацахсын.
Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-центры информацимæ гæсгæ, паддзахадон нымæрдар бахахх кодта АИШ-Гуырдзыстоны партнерады хартийы фæлгæтты дыууæфарсон æмахастыты фæарфдæры нысаниуæгдзинад.
Помпео банысан кодта, цæмæй АИШ иузæрдæ у 2008 æм азы Бухаресты саммитыл ист æскъуыддзагыл, кæцы ноджы иу хатт сбæлвырд ис 2018-æм азы Брюселы саммитыл æмæ кæцымæ гæсгæ, Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг.
«Æнхъæлмæ кæсæм сымахимæ æмкуыстдзинадмæ. АИШ-Гуырдзыстоны партнерады хартийы фæлгæтты дыууæфарсон æмахастыты фæарфдæры нысаниуæгдзинад. АИШ иузæрдæ у 2008 æм азы Бухаресты саммитыл ист æскъуыддзагыл, кæцы ноджы иу хатт сбæлвырд ис 2018-æм азы Брюселы саммитыл æмæ кæцымæ гæсгæ, Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг», -ис фыст Майк Помпеойы фыстæджы.