Майя Санду – оппозицийы лидеры хъизæмарæй марын нæрайсгæ у уыцы бæстæйæн, кæцыйы фæнды Евроцæдисы уæнг суæвын

17:28, 02.02.2023

Оппозицийы лидеры  хъизæмарæй марын нæрайсгæ  у уыцы бæстæйæн, кæцыйы фæнды Евроцæдис  уæнгæй  суæвын – уый фæдыл   Молдовæйы премьер-министр, Майя Санду, Гуырдзыстоны  раздæры президент  Михеил Саакашвилийы   æнæниздзинады  уавæры тыххæй  загъта.

«Михеил Саакашвилиы критикон   физикон  уавæр  иттæг  мæтæфтауæг у.  Оппозицийы  лидеры  хъизæмарæй  марын нæрайсгæ у, уыцы бæстæйæн,   кæцыйы фæнды Евроцæдисы  уæнг суæвын. Михеил Саакашвили  æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ ссæрибар уа  æмæ æрвыст æрцæуа  фæсарæнтæм хоскæнынмæ», – фыссы   Майя Санду  «Твиттеры».

 

Хуыздæр