Мæскуыйы Александр Дугины  хæдтулгæ спырх кодтой,  амард йæ  хъæбул  Дарья Дугина
Мæскуыйы Александр Дугины хæдтулгæ спырх кодтой, амард йæ хъæбул Дарья Дугина

Мæскуыйы  филосов Александр Дугины   хæдтулгæ  спырх  кодтой,  амард йæ  чызг  Дарья  Дугина. Уырыссаг   медиайы  хуъсинагæй,  фæнысангонды фæдыл  хæдрасидт  Донецкы адæмон республикæйы  къухдариуæггæнæг  Денис Пушилин  ныффыста социалон хызаджы.

Пушилины дзырдæй, «Æрцæугæйы  украинаг террористтæ  сты аххосджын, кæцытæн сæ нысан уыд  Александр  Дугины  ликвидаци».

«Украинайы режимы  террористтæ, кæцытæ архайдтой  Александр  Дугины ликвидаци скæнын, спырх кодтой йæ  чызгы  хæдтулгæйы», –  фыссы Пушилин.

Уырыссаг  медиайы хъусинагæй,   цау  Мæскуыйы  Одинцовскоейы районы æрцыд. Фæдагуырды  развæлгъау хатдзæгæй,  спырх ис хæдтулгæйы  фидаргонд  рæудзæн  гарзæг.  Æрцæугæйыл   райдыдта  тугтæрхоны  барады хъуыддаг.

Дарья Дугина уыди æхсæнадæмон   Евразион змæлды  политикон  фæлгæсæг, кæцыйæн къухдариуæг  кæны Александр Дугин.