Мæскуыйы æрцахстой уырыссаг оппозиционер  Алексей Навальныйы
Мæскуыйы æрцахстой уырыссаг оппозиционер Алексей Навальныйы

Мæскуыйы  уырыссаг оппозиционер  Алексей Навальныйы   æрцахстой.   Уый фæдыл   информацийы, «Дойче  Велейы»  уырыссаг  бюро  хъусын кæны.

Бæрæг куыд у,  афтæмæй,  уырыссаг оппозиционеры  æрцахст йæ  бындурæвæрд  «Коррупциимæ  тохы  фонды»  офисы  джигулы  рæстæджы   сæххæст.

«Коррупциимæ тохы  фонды»  офисы  къухдариуæггæнæджы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   рейды  рæстæджы  бæстыхайы   40-ы онг   адæймаг   уыд. Уымæй  дарддæр ма,  бæрæг  ссис, цæмæй   æртæ мæйы  дæргъы  фыццаг хатт, фонды  банкъон  хыгъдыл блок æрцыд æвæрд.  Растдæр  фæнысангонд  хыгъды  фæрцы исы  организаци снывонд суммæтæ.

Уæрæсейы  фæдагур  комитет  2019 азы  августы фæстæ, «коррупциимæ тохы фонды»  ныхмæ,  æхца   ссурс  кæныны аххосагæй  фæдæвзарæн уадзы.  Фæдæвзарæны версимæ гæсгæ,  фонды  кусджытæм  суммæ  фыдгæнæгон фæндагæй  бафты. Сæрыфыццагæй  хъуыддаджы  миллиард сомы  кой  цыд, фæлæ   фæстæдæр  фæдагуырдæй   райхъусын кодтой,  цæмæй зæгъгæ дзырдæуы  75  милуан сомыл.