Мæйы баталынг  Тбилисы арвы - фотохабар
Мæйы баталынг Тбилисы арвы - фотохабар

Дунейы  цæрджыты  фылдæримæ иумæ,  диссаджы  уынинаг – мæйы  баталынгы  цæстæйфенæг  уыдысты  Гуырдзыстоны  цæрджытæ дæр.  Ацы  фæзындмæ,  уынгмæ рацæуæг, рудзынгæй  кæнæ балконтæй бирæ   адæм  кастис нæ бæстæйы дæр.  Фыццаг Къаналы   фотокорреспондент   айста  мæйы  баталынгы къамтæ  Тбилисы  арвы.

Мæйы баталынг Тбилисы рæстæгæй райдыдта  21:14 сахатыл. Æнæкæсгæ уымæ  æмæ,   мæйы æххæст баталынг  арæх  фæзынд у,   ацы  хатт  хицæн кодта  уымæй дæр,  цæмæй 21-аг æнусы æндæр   баталынгтимæ абаргæйæ  сегасæй фылдæр рæстæг аххæссыд.  Æххæст баталынгы  период (мæй æнæхъæнæй  куы  бахизы  Зæххы  аууонмæ)   аххæссыд 1  сахат æмæ 43  минуты.  Ахæм  баталынг иу,  сахатæй  фылдæр нæ  аххæссы. Мæйы   фæдылдзог  дæргъвæтин баталынг  æрцæудзæн 2025 азы, фæлæ  æрмæстдæр  1  сахат  æмæ  22  минуты  дарддæр кæндзæн.

Къамты автор – Зураб Курцикидзе