Мадриды дæсгай мин адæймаг Испанийы корридæ фæтобæ кæныны æркуырдæй акций сарызтой
Мадриды дæсгай мин адæймаг Испанийы корридæ фæтобæ кæныны æркуырдæй акций сарызтой.
Протестон акцийы хайадисджытæ хицауадмæ æрсидтысты, галты хайадæй цыфæнды равдыстытæ фæтобæ кæна.
Акцийы организатор у змæлд «Галты тох тыхми у». Организацийы бæрæггæнæнтæй, Испанийы сæйраг сахары уагъд демонстрацийы 40 минæй фылдæр адæймаг райста хайад.
Демонстранттæ галты охы Испанийы националон амæлæтæй схуыдтой. Уыдон ма афтæдæр æркуырдтой цæрæгойты хъахъхъæды фæдыл закъон фæкарздæр кæнын.
Акцийæн йæ фарс рахæцыд 170-ы онг организаци.
Корридæ Испанийы культурон бындарадæй нымад цæуы.