Мадагаскъарыл фадынæгы инфекцийæ 300-йæ фылдæр адæймаг амард
Мадагаскъарыл фадынæгы инфекцийæ 300-йæ фылдæр адæймаг амард

Мадагаскъарыл 2018 азы  октябрæй   абоны онг, фадынæгы  инфекцийы  амæттаг ссис  300-йæ  фылдæр  адæймаг.

Фæмардуæвджыты  нымæцы  фылдæр сты  сывæллæттæ.   Сакъадахджын  паддзахады  æнæнизхъахъъхæды  министрады  бæрæггæнæнтæй,   фæстаг цыппар мæйы  дæргъы, фадынæгæй  рынчынты  нымæц  50 минæй  ахызт.

Телекомпани  «Си-Эн-Эн»  куыд хъусын кæны афтæмæй,   Мадагаскъарыл   фадынæгы  ахæлиуы райдианы,   цæрджыты вакцинацийы  уынинаг  50 процентæй  къаддæр уыд, кæцы   æнæнизхъахъъæды  системæйы  æнæгъгъæд  финансдзинадмæ у баст.