Ма баназут Ибупрофен, кæд уæм COVID-19-ы симптомтæ фæбæрæг сты – Æнæнæнизхъахъхъæнынады æппæтадæмон организацийы официалон  рекомендаци
Ма баназут Ибупрофен, кæд уæм COVID-19-ы симптомтæ фæбæрæг сты – Æнæнæнизхъахъхъæнынады æппæтадæмон организацийы официалон рекомендаци

Æнæнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтадæмон организаци  дæтты  рекомендаци, цæмæй   COVID-19-ы симптомтæ  йæхимæ  чи  рахатыд  уыцы адæймæгтæ,  ма хъуамæ  баназой  Ибупрофен.  Цалдæр бн размæ  раст ахæм амынд ратта  сæрмагонд æмбæстæгтæн Францы æнæнизхъахъхъæды  министрад, уым  дызæрдыг кодтой  зæгъгæ,  судзагы ныхмæ  ацы  хос, гæнæн ис вирусы  тæфаг  фæкарздæр  кæна.

Францы  æнæнизхъахъхъæды министры, Оливье  Вераны  рагфæдзæхст æнцойæвæрд у  медицинон журнал  The Lancet –ы публикацигонд   иууыл ног  иртасæныл, кæцымæ гæсгæйæ,  судзагы ныхмæ хостæ  цы  ферменттæ  цырын  кæнынц,   уыдон гæнæн  ис COVID-19-ы инфецкийы тæфаг фæкарздæр кæной.

Женевæйы лæвæрд пресс-конференцийыл Æнæнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтадæмон организацийы пресс-спикер  Кристин Линдмайер  журналисттæн фехъусын кодта, ацы  фарстайыл  уæлæмхас рекомендацитæ ссарынæн,  организацийы эксперттæ ныртæккæ кæй  кусынц  уый тыххæй.

«Фæлæ уæдмæ, хуыздæр уын уыдзæн райсат  парацетамол, ибупрофены бæсты. Уый  иттæг  нысаниуæгджын фарста уы»-  банысан кодта  Линдмайер.