Лук Кофи – Натомæ интеграцийæн Гуырдзыстонæн МАР нæу æнæмæнг
Æппæтдунеон политикайы эксперт Люк Кофийы раисдæнмæ гæсгæ, никæцы æндæр аспирант бæстæйæн нæй уыййас инициативæ Натоимæ, цас Гуырдзыстонæн ис. Уый фæдыл эксперт «Америкайы хъæлæсимæ» интервьюйы расидтис. Йæ расидæнмæ гæсгæ, Натомæ интеграцийæн Гуырдзыстоны МАР нæ хъæуы.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, цалдæр аз Гуырдзытсон æвдисы, цæмæй уый АИШ-ы агкаг партнер у.
«Уый исы хайад Афганистаны миссийы, уæдмæ иста хайад Иракъы миссийы. Хай бахаста транс- атлантикон æдасдзинады. Гуырдзыстон æххæст кæны Натойы æркуырдтæ хъахъæды сферайы финансирдзинады фæдыл æмæ Гуырдзыстон ис гео-стратегион нысаниуæгджын регионы.
Йæ ныхасм æгæсгæ, гуырдзийæгтæ хъуамæ аскъуыддзаг кæной цæмæй раст фæндагыл сты.
Брюселы саммитыл Гуырдзыстон МАР нæ райсдзæн, уымæн æмæ альянсы иуæй иу уæнг йæхи комфортонæй нæ хаты. МАР райсыны æнхъæлмæкаст кæд уыдзæн, кæцы Брюселы не æрцæудзæн, уæд уый Уæрæсейы пропагандайæн спайда кæндзысты. Натомæ интегрсацийæн МАР нæу æнæмæнг – банысан кодта эксперт.
Хорз уыдзæн, æттаг хъуыдтæгты министрты бæсты Нато-Гуырдзыстоны дискуситæ паддзхадты сæрдартæ саразой.