Луизианайы штатмæ бахæццæ ис уад «Барри»

Луизианайы  штатмæ бахæццæ ис уад «Барри». Бынæттон  хицауад æмбæстæгты  бафæдзæхста æнхъæлмæ кæсинаг  донивылды тыххæй.  «ВВС» куыд  хъусын кæны афтæмæй, «Барри»   сурзæххмæ  баввахсы рæстæджы  фæтыхджындæр ис.   Уады тагъдад   стихийы   эпицентры сахаты мидæг 96 километр уыдис.

Сеппæтæй   стыр тас  «Барри»  хæссы  Нью-Орлеанæн. Мингай  адæймаг   тæссаг   зонæйнæ  нырид эвакуацигонд сты.   Бынатыл арызт  сты рæстæгмæ  хиæмбæхсæнтæ.

Стихийы  тыххæй Луизианайы  100 000  хæдзары æнæэлектроэнергийæ сты.  Нью-Орлеаны  аэропортæй  алы  тахт аивдтой.  Дональд Трамп  Луизианайы расидтис   стихион æнамонддзинады зонæйæ, цæмæй  штат   Федералон  бюджетæй  æххуыс райса.