Лондоны НАТО-йы парламентон ассамблейы 65-æм сесси, æрыхгæд уыдзæн пленарон рабадтæй
НАТО-Гуырдзыстоны парламентон ассамблейы 65-æм сесси æхгæд абон æрцæудзæн. Фæззыгон сессийы пленарон рабадтыл 29 уæнг паддзахады æмæ 12 аспирант бæстæйы парламентон делегациты раз дзырдæй ралæудзæн НАТО-йы парламентон ассамблейы президент Медлин Мун, бынæттон рæстæгæй, 09:00 сахатыл (Тбилисы рæстæг – 12:00).
Медлин Мун Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналситæн Лондоны загъта, цææмй зæгъгæ йæ ныхас æнæмæнгæй бахæссдзæн Гуырдзыстонмæ визитмæ.
НАТО-йы парламентон ассамблейы президенты дзырдæй ралæуды фæстæ трибунæ бацахсдзæн Иугонд паддзахады гарзджын тыхты къухдариуæггæнæг, инæлар Николас Картер æмæ фæстæдæр Иугонд Паддзахады хъахъъæнынады падзахадон нымæрдар Бен Уолас.
Пленарон рабадтмæ баиу уыдзæн НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг, кæцы Англисы сæйраг сахармæ, НАТО-йы парламентон ассамблейы фæззыгон сессийы æрыхгæды хайад райсынмæ фæуазæг уыдзæн.
Ралæудты фæстæ плангонд у фарст-дзуаппы режим.
Фæззыгон сессийы фæлгæтты æрцæттæгонд æмæ комитеттыл кастгонд хыгъдлæвæрдты, абоны рабадтыл сбæлвырд кæндзысты, афтæдæр халæппæрстмæ рахæсдзысты документмæ бахæссинаг барастытæ.