Æнæцудгæйæ йæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æмæ тызмæг фауæм Уæрæсейы æрдгæй змæлгæ анексийы Гуырдзыстоны регионты Абхази æмæ Цхинвалы æрдæм – уый фæдыл Литвæйы премьер-министр Саулиус Сквернел Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилиимæ иумæ уагъд прессконференцийы рæстæджы райхъусын кодта.
Саулиус Сквернел куыд расидтис афтæмæй, Литвæ Гуырдзыстоны нымадмæ исы иуæй-иу сеппæтæй активон æмæ ууæнкджын партнерæй.
«Мах райгонд стæм Гуырдзыстоны Европæйаг перспективæйæ. Мах сæрмагондæй зæрдæрухс стæм Гуырдзыстоны æрдæм НАТО-йы операциты практикон хайбавæрды тыххæй, уæ ныфсджындзинад бахъахъхъæнат æхсæнадæмон сабырдзинад. Кæцы иттæг нысаниуæгджын аргумент хъуамæ уа НАТО-йы уæнгсуæвыны перспективæйы цæстæнгасæй. Æнæцудгæйæ йæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æмæ тызмæг фауæм Уæрæсейы æрдгæй змæлгæ анексийы Гуырдзыстоны регионты Абхази æмæ Цхинвалы æрдæм. Æхсæнадæмон форумыл кæддæриддæр бавдисæм ацы фарст æмæ курæг стæм Уæрæсе æнæхъæнæй сæххæст кæна æхсæзпунктджын бадзырд æхсты фæурæды фæдыл» – райхъусын кодта Литвæйы премьер-министр.