Литвайы æттаг хъуыдтæгты министр Линас Линкевичус, Одессайы экс-губернатор Саакашвилийы ахсты факты фæдыл рахъæлæба ис. Линкевичусы ныхасм æгæсгæ, Михаил Саакашвилийы фарста, Украинайы мидхъуыдтаг у. «Ныфс дарæм, фарста рæстадонæй скъуыддзаг уыдзæн. Конкретонæй цæмæ æнхъæлмæ кæсæм абон тæрхондоны процессæй, мæ бон нæу зæгъын. Хъыгагæн, деталонæй нæ дæн зонгæ хъуыдтагимæ. Ныфс дарын, цæмæй законы уæллагдзинад сыххæст уыдзæн. Украинайæн уый радон тест уыдзæн» -сиды Линкевичус.