Лилиан Мори Паскье – Дыууын азы дæргъы, Гуырдзыстон равдыста Европæ æмæ европаг хæзнатæм тырнынад
Лилиан Мори Паскье – Дыууын азы дæргъы, Гуырдзыстон равдыста Европæ æмæ европаг хæзнатæм тырнынад

Мæ визит Гуырдзыстонмæ у  иттæг  хорз  фадат  æмкуысткæнынад бахахх кæнын,  кæцы ис Гуырдзыстон æмæ  Европæйы Советы  парламентон ассамблейы  æхсæн – райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдаримæ фембæлды фæстæ  Европæйы Советы парламентон ассамблейы президент Лилиан Мори Паскье.

Паскье, Ираклий КУъобахидзеимæ фембæлд  схуыдта  цымидисонæй  æмæ йæ хъусдард раздæхта  Европæйы  советы парламентон аасмблейы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  æмгуыстады æрдæм.

«Мæнæн куы Европæйы  Советы парламентон ассамблейы  президентæн  тынг цин у  Гуырдзыстонмæ æрцæуын. Тынг цымидисон уыд Ираклий Къобахидзеимæ ныхас. Стыр бузныг хъарм райсты тыххæй.  Мæнмæ гæсæ  ацы визит ахъаз уыдзæн  нæ æмкуыстад фæфидардæр кæнынæн. Нырид 20 азы рацыд Гуырдзыстон Европæйы Советы парламентон  ассамблейы уæнг кæй  ссис уымæй.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  20 азы дæргъы Гуырдзыстон  равдыста Европæмæ æмæ европæйаг хæзнатæм тырнынад, сæххæст кодта  демокративон реформæтæ  æндæр æмæ æндæр  институциты»- райхъусын кодта Лилиан Мори Паскье.

Уый ма афтæдæр банысан кодта Европæйы Советы, Венецийы камисы æмæ Европæйы Советы парламентон ассамблейы  хайбавæрд ацы хъуыддагмæ.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны парламенты  сæрдримæ ныхасы  рæстæджы зæгъгæ, дзырд уыд  æндæр æмæ æндæр фарстатыл, уый нымæцы  тæрхонон реформæйыл, коррупциимæ тохыл æмæ а.д.

«Парламенты спикеримæ ныхасы рæстæджы,  мах бирæ фарстатыл  фæныхас кодтам,  зæгъæм тæрхонон реформæ, коррупациимæ тох  æмæ а.д.  Ассамблей цæттæ у  баххуыс кæна хицауадæн  æмæ  Гуырдзыстоны институттæн, ахæм фарстаты,  цахæмдæр сты Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны фарстатæ.  Мах  дарддæр кæндзыстæм фæндæгтæ агурын, цæмæй  конфликттæ  Хуссар ирыстоны æмæ Аюхазы,  аскуыддзаг уой æмæ сæрмагондæй та, æрфидар уой адæмты æхсæн контакттæ» – райхъусын кодта Лилиан Мори Паскье.

Европæйы Советы парламентон ассамблейы   президенты  ныхæстæм гæсгæ,  визиты фæлгæтты  уый фембæлдзæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ,  премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр  Давит Залкалианиимæ  æмæ æндæр официалон  уæнгтимæ.  Сом та байгом уыдзæн, Европæйы Советы Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны 20  азы сæры фæдыл бæрæгбойнон сессий.