Лигъдæтты фарстаты бацахуыргæнæг камис Тбилисы, тыхыбын бынативгæ  бинонтæн хæдзæртты алæвæрды  фарстайыл  кусын райдыдта
Лигъдæтты фарстаты бацахуыргæнæг камис Тбилисы, тыхыбын бынативгæ бинонтæн хæдзæртты алæвæрды фарстайыл кусын райдыдта

Лигъдæтты фарстаты бацахуыргæнæг   камис   Тбилисы, ногарызт   корпусты 1000-ы онг  тыхыбын бынативгæ  бинонтæн хæдзæртты алæвæрды  фарстайыл  кусын райдыдта.   Уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналæн  æнæнизхъахъхъæды министрадæй  фехъусын кодтой.

Уагдоны информацийæ,   Тбилисы хæдзар райсты куырдиат, æдæппæт  10 414 лигъдон  бинонтæ  бавдыстой.  Ацы этапыл  259  иу  къуымон, 143  дыууæкъуымон, 534  æртæкъуымон æмæ 23  цыппаркъуымон   хæдзæрттæ  райуардзысты.

«1375 бинонты цæрæн уавæртæ  æмæ  домæнтæ  мониторингы  къордтæ  бынатыл бацахуыр кодтой.  Райсгæ  æрмæг та,  æркæсынмæ лæвæрд æрцыд  лигъдæтты  фарстатæ бацахуыргæнæг   камисмæ.   Камис  афтæдæр æркæсдзæн  аварион  æмæ  паддзахадон  нысаниуæг цы бæстыхæйттæн ис  уым цæрæг   263 бинонты фарста дæр, кæцытæм  хæдзæрттæ лæвæрд æрцæудзысты æнæмæнгæй.  Ацы  этапыл  Тбилисы 24  ахæм объект  æрцæудзæн æхгæд», –  хъусын кæнынц   оккупиргонд Гуырдзыстоны  территоритæй,   лигъдæтты,  куысты, æнæниздзинады æмæ социалон  хъахъъхæды  министрады.