Лиетувайы парламенты къорд Гуырдзыстоны фарсылхæцæн расидæн сарæзта
Лиетувайы парламенты къорд Гуырдзыстоны фарсылхæцæн расидæн сарæзта

Лиетувайы парламенты къорд Гуырдзыстоны фарсылхæцæн расидæн сарæзта

Лиетувайаг парламенты къорд Гуырдзыстоны окупацион хаххыл телты æмбондтæ æмæ æндæр барерты монтажы фæдыл Гуырдзыстоны фарсылхæцæн расидæн сарæзта æмæ Уæрæсемæ басидтис Гуырдзыстоны ныхмæ æнæзаконон архайдтытæ фæурома. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты минситрад парахат кæны.

Сеймы 13 адæймагон къорд ноджы иу хатт æвдисы фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны суверинитет æмæ територион æнæхъæндзинады фæдыл æмæ сиды Уæрæсемæ Гуырдзыстоны ныхмæ æнæзаконон архайдтытæ фæурома æмæ сыххæст кæна æппæтдуноен хæстæ, кæцытæ райста йæхиуыл.

Уæвæг уавæры фæдыл раисдтис афтæ дæр Лиетувайы сеймы уæнг Гуырдзыстонимæ æрдхорддзинады къорды къухдариуæг Жигимантас Паилионис.

«Лиетувæ алы хатт дæр Гуырдзыстоны фарсмæ лæууæг ныгуылæны. 11 азы размæ августы, уæд кæд æмæ Уæрæсе бабырста Гуырдзыстонмæ, мах уыдыстæм, кæцытæ бауырнын кодтам НАТО æмæ Евроцæдис гуырдзыстоны фарсмæ лæууыны фæдыл. Хъыгагæн уæд ныгуылæн нæ байхъуыста махмæ æмæ æрææгмæ сыхæхст кодта реагирдзинад -Украинайы окупацийы фæстæ. Мах хæсджын стæм реагирдзинад бавдисæм Гуырдзыстоны уавæры дестабилизацийы бахъавдыл. Уырны мæ снысангонд фарста уыдзæн каст Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвилиимæ Лиетувамæ фидæн визиты рæстæджы» -сиды сеймы ууæнг.