Лиетувæ гарзджын тыхты  сконд, йæ иу цыппæрæмæй райрæзын кæнын  хъавы
Лиетувæ гарзджын тыхты сконд, йæ иу цыппæрæмæй райрæзын кæнын хъавы

Лиетувæ гарзджын тыхты  сконды    иу  цыппæрæмæй  райрæзын кæнын  хъавы.  Уый фæдыл   дзырдæуы   æфсады  структурæйы   тыххæй  закъонопроекты, кæцыйы  бæстæйы хицауад  ныридæгæн сбæлвырд кодта.  Ныр  документы хъуамæ æркæса  сейм.

Закъонопроектмæ гæсгæ, 2024  азмæ  Лиетувæйы  гарзджын  тыхты æфсæддæтты нымæц  21 290-æй  26 500-ы онг  хъуамæ фæфылдæр уа.  Адонæй  профессионал   æфсæддæтты нымæц уыдзæн  15 600-ы онг.

Лиетувæйы  æфсад   куыд контрактортæй, афтæ  æнæмæнгхъæугæ æфсæддон  куысты  уæвæг  æфсæддæттæй  у. Æнæмæнгхъæугæ æфсæддон службæ Лиетувæ 2015азы   сног кодта  Уæрæсейы  гæнæн  агрессийы  тыххæй.

Ног закъонопроектмæ гæсгæйæ,   план кæны  генералты æмæ  хистæр офицерты, афтæдæр  резервистты  нымæц  фæфылдæр кæнын.