Леван Мачъавариани – цæттæ стæм Евроцæдисимæ ахастытæ сног кæнынмæ, фæлæ Евроцæдисæй хъуамæ уа ныхмæвæрд къахдзæфтæ
Мах цæттæ стæм Евроцæдисимæ ахастытæ сног кæнын, фæлæ Евроцæдисы æрдыгæй хъуамæ уа ныхмæвæрд къахдзæфтæ – уый фæдыл «Гуырдзиаг бæллиццы» парламентон фракцийы сæрдары фыццаг хæдивæг Леван Мачъаварани расидтис.
Леван Мачъаварианийы ныхасмæ гæсгæ, Евроцæдисы æрдыгæй 21-æм ноябры фембæлды фæкъуылымпыдзинад у æвдисæн, цæмæй цæттæ не сты мидисджын диалогмæ бацæуынмæ.
«Фæнды мæ нæ æхсæнадæн зæрдыл æрлæууын кæнон, цæмæй 21-æм ноябры, фембæлд нысангонд куы уыд, уæд ацы фембæлд бацæттæ кодтой мæйты размæ æмæ нæ делегаци хъуамæ æрцыдаид Евроцæдисмæ, цæмæй æппæт уыцы аххосæгтæ, кæцытæ хъуысы Евроцæдисæй, факттæ æмæ бæлвырдгæнæнтимæ сбæлвырд кæна. Уыдон ацы фембæлд æрæвæрдтой æнæмбаргæ аххосагæй. Комкоммæ фехæлдтой фембæлд, кæцыйы тыххæй дзурынц, цæмæй нæ хъæуы ныхас кæнын. махæн æмæ бацæуæм мидисджын диалогмæ. Мах хъуамæ фехъусæм æрмæстдæр уыдонæй æнкъарæнтыл бындурæвæрд критикæ Кæд æмæ ацы ахастдзинæдтæ аивдзысты, уæд уый уыдзæн тынг пайдаджын Евроцæдисæн дæр, уымæн æмæ нæ уникалон бынат хынцгæйæ, Евроцæдисæн Гуырдзыстонæн къаддæр нæ хъæуы, Евроцæдис куыд хъæуы, уымæй» – райхъусын кодта Леван Мачъавариани.