Леван Куташвили æмæ Иосеб Павлиашвии  Мцхетайы  полицийы уагдон æнæкомментарæй  ныууагъдтой  [фото/видео ]
Леван Куташвили æмæ Иосеб Павлиашвии Мцхетайы полицийы уагдон æнæкомментарæй ныууагъдтой [фото/видео ]

Леван Куташвили æмæ  Иосеб  Павлиашвили  мидхъуыддæгты  министрады  Мцхета-Мтианеты  уагдоны бæстыхай ныууагъдтой.   

Фыццаг Къаналы журналисты информацийæ,  уыдон  комментарий нæ сарызтой. 

Куташвили æмæ Палиашвилимæ  полицийы уагдоны  цур æнхъæлмæ кастысты  сæ бинонты уæнгтæ. Уыдон  Мцхетайæ  сæ хæдзæрттæм ацыдысты.

Леван Куташвили æмæ Иосеб Павлиашвили  уыдысты æрфарстыл. Уæдмæ та Леван Куташвили æмæ  Иосеб  Павлиашвилиимæ  фембæлдысты   лигъæдтты æмæ цæрæнуатты  ахæлиуы   министр, Созар Субари,   паддзахадон министр фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты  Кетеван Цихелашвили, мидхъуыддæгты  министры фыццаг хæдивæг  Кахабер  Сабанадзе æмæ  падзахадон  æдадсзинады  куысты  информацион-аналитикон  департаменты  директоры хæдивæг  Кахабер  Кемоклидзе.

Леван Кауташвили  æмæ  Иосеб  Павлиашвили  Ахалгорæй  11 марты рацыдысты.

Паддзахадон   æдасдзинады  куысты информацийæ,  22  февралы  оккуцпацигонд   Цхинвалы  минæвæрттæ,   Гуырдзыстоны æмбæстæгты  Арчил Татунашвилийы, Леван Куташвилийы æмæ Иосеб  Павлиашвилийы  æнæзакъононæй æрцахстой.

Арчил Татунашвили 23  февралы оккупацигонд сахар Цхинвалы  рынчындоны æнæбæрг  уавæрты æрбамард. Леван Куташвилийы æмæ Иосеб  Павлиашвилийы  а.х. ахæстонæй  ссæрибар кодтой, фæлæ  ацы рæстæгмæ уыдысты   оккупацигонд  территорийыл. 

ლევან ქუტაშვილი და იოსებ პავლიაშვილი მცხეთის პოლიციის შენობას ტოვებენ

Posted by პირველი არხი on 2018 წლის 11 მარტი, კვირა