Леван Хабеишвили – Польшайаг дохтыртæ цæттæ  сты, куыддæр сæм конкретон документ уыдзæн, афтæмæй  æрцæуой
Леван Хабеишвили – Польшайаг дохтыртæ цæттæ сты, куыддæр сæм конкретон документ уыдзæн, афтæмæй æрцæуой

Евроцæдис сарызта къорд кæцы комплектгонд у  польшайаг дохтыртæй, уыдон æнхъæлмæ кæсынц  барлæвæрдмæ, цæмæй   президент Саакашвилимæ  æрцæуой æмæ  æмбæлгæ  хатдзæг  уа бавдыст, мах та Рати Брегвадзейæ хуъсæм æрмæст  фидиуæнтæ,  ома  цæвиттон сæ бон у æрцæуын, цæвиттон цæттæ у  Гуырдзыстоны хицауад,   барлæвæрд ратта, фæлæ ацы  ныхæстæй  дарддæр   хъуыддаг не змæлы, –  уый фæдыл «Националон Змæлды» сæрдар Леван  Хабеишвили   райхъусын кодта  брифингыл.

«Ноджы иу  хатт   дæттын рагфæдзæхст  уырыссаг бæллиццæн  æмæ сæм  сидын,   ног къуырийы, тæккæ райсомæй  æнæаргъæвгæйæ  раттæт  ацы  барлæвæрд  æмæ  дзырдæй нæ фæлæ,  документæй,  афтæ, цæмæй  польшайаг дохтыртæн  сæ бон бауа  тæккæ райсом æрцæуын.  Алчи дзæбæх  зоны, цæмæй цæттæ сты   уайтагъд, куыддæр  конкретон   документ  сæм уыдзæн,  æрцæуой æмæ  æмбæлгæ мадзæлттæ скæной. Науæд та  тыхыбын бауыдзыстæм  конкретон къахдзæфтæ саразын», – райхъусын кодта Хабеишвили.