Леван Хабеишвили – нæ план у  тох кæнын æмæ  архайын, физикъонæй бахъæудзæн хъæбысæйхæст? хæцæм
Леван Хабеишвили – нæ план у тох кæнын æмæ архайын, физикъонæй бахъæудзæн хъæбысæйхæст? хæцæм

Тыхыбын стæм  Гуырдзыстоны  Конституцийы сæрыл хæцын, уымæн æмæ   нæ  проныгуылæйнаг  къурс  коснтитуцийæ  у  бæлвырд, –  уый фæдыл «Националон Змæлды» сæрдар  Леван Хабеишвили   парламенты   райхъусын   кодта, цы ран  æддæ ахастыты  æмæ  хъахъхъанынады  комитетты  иугонд рабадты  райдаын  не нтысы.

Рабадтыл «Халхис Дазалайы»  инициргонд  закъонопроекты  каст хъуамæ ацыдаит.  Комитетотн    рабадты  залы  депутатты  æхсæн  физикон быцæудзинад дæр уыд.

Леван Хабеишвили  куыд  райхъусын кодта «Халхис Дзалайы»   закъонопроект у  антиныгуылæйнаг  æмæ путинистон  закъон.

«Адон æрбайсын хъавынц   антиныгуылæйнаг,   путинистон  закъон, ацы адæймæгтæ  хъуамæ  зоной, цæмæй  фыст æрцæудзысты  историйы, куыд Путины, кремлы   лæггадгæнджытæ  æмæ  уырыссæгты агентурæ.  Сахат æмæ æрдæгы  дæргъы   блокиргонд у  комитетон зал,   не нтысы   рабадт райдаын,   тыхыбын уыдыстæм   нæ  бæстæйы  интерестæ   физикъонæй  бахъахъхъæнын.

Нæ плоан у  тох кæнын æмæ  архайын, цы нæ  бон у, физикъонæй  хъæбысæй хæцын   хъæудзæн  – физикъонæй  хæцдзыстæм,  закъонæй  хъахъхъæнын хъæудзæн – закъонæй  хъахъхъæндзыстæм. Абон «Националон  Змæлды»  фылдæртæ  стæм  залы. Оппозици  ныр лæууы  иумæ, ныр кæрæдзийы хъауджыдзинæдтыл  ныхас   кæнын нæхъуаджы у, ныр  нæ фыдыбæстæйы нæ  бæстæйы интерестæ хъуамæ  бахъахъъхæнæм.

Физиконæй хæцæм, цы нæ  бон у, адæм хъуамæ зонæт,  цæмæй  æппæты фæстагмæ  нæ  бæстæйы сæрыл хæцын бахъæудзæн.   Оппозици  сараздзыстæм  алцыппæт. Бахъæудзæн физикъон хъæбысæйхæст? Хæцæм! Максималонæй   сараздзыстæм алцыппæт, цæмæй ацы  рабадт ма райдайæт», – райхъусын кодта Хабеишвили.