Леван Хабеишвили – дыууæ мæйы мидæг бирæ зæгъинæгтæ æрæмбырд, сарæзтон анализ, политикы аххосджын кæнынц политикон расидæнтæ аразынæй?
Фæстаг дыууæ мæйы мидæг бирæ цыдæртæ æрæмбырд кодтон зæгъинæгтæ æмæ мæ фæнды мæ позици раргом кæнон æмæ йæ анализ кæнон. Фæнды мæ æмзæрдæдзинад равдисон уыцы адæймæгтимæ, кæцыты фæнды бæстæйæн хуыздæр фидæн æмæ ахæстоны сты æхгæд. Фæнды мæ тæрхондонæн æмæ æхсæнадæн æндæр цыдæр равдисын. Тæрхондон ма хъуамæ уа ахæм уагдон, кæцыйы адæм æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй сæ райсой æмæ сæ æрцауындзой» -расидтис процессы «Националон змæлды» уæнг Хабеишвили Леван.
Хабеишвилийы ныхасмæ гæсгæ, уый аххосджын кæнынц политикон расидæны сарæзта, кæцы æнæмбаргæ у.
“Цæмæн бадын ам дыууæ мæйы, цæмæй мæ аххосджын кæнынц? Цавæрдæр архайды мæ аххосджын кæнынц? Политик, Хабеишвили Леван, политикон расидæнты аххосджын кæнынц? Æз хицауадмæ куы æрцыдаин, уæд сæ хорзæхджын кæниккой. Политикон ныфсæвæрд нæй гæнæн нымад æрцæуа взяткæйыл. Æнæмбаргæ у, цæмæй политик политикон расидæнæй ахæстоны бахауа “сыгъд олигархийæн”, уый нысан кæны, æмæ йæ хъуамæ басудзæм артæй? Фехъуыстат лозунг “Системæ хъуамæ ныппырх уа”, куыд уæм кæсы, перфораторæй йæ скуынæг кæнæм? Куыд гæнæн ис æмæ Леван Хабеишвили æхсæнадæн тæссаг уа? Куы загътон, Гъарибашвили коррупционер у, уæд мын загътой, “Ды клоун дæ, уый мæнг у, ам йæхи сарæзта æдылы”. Стæй бацыд, йæ сæр æргуыбыр кодта, мæ дам – о, афтæ дам кодтон. Парцхаладзейы тыххæй куы дзырдтон,зæгъгæ ФСБ-ы агент у, уæд дæр мæ клоунæй схуыдтой, Къезерашвили дам йæ сфинансон кодта, дзырдтой. Микаутадзейы тыххæй куы загхтон, зæгъгæ уый парламентмæ куыд бауагъдтат, – цыппар азы фæстæ йæ æрцахстой» райхъусын кодта Хабеишвили.
Паддзахадон æдасдзинады куыст 11-æм сентябры Леван Хабеишвилийы аххосджын кæны, цæмæй бæрнон кусджытæн æхца взяткæйы хуызы æргомæй зæрдæ бавæрдта.