Леван Изория -фидæн аз сырæздзæн ноджы уæрæх масштабон ахуырад Натоимæ иумæ, 2016 æм азмæ абаргæйæ
Леван Изория -фидæн аз сырæздзæн ноджы уæрæх масштабон ахуырад Натоимæ иумæ, 2016 æм азмæ абаргæйæ

Леван Изория -фидæн аз сырæздзæн ноджы уæрæх масштабон ахуырад Натоимæ иумæ, 2016 æм азмæ абаргæйæ

Натойы Брюселы саммит райста нысаниуæгджын деклараци, иу саммит иннæ та Нато-Гуырдзыстоны комисы, ноджы иу хатт банысан ис, цæмæй Нато у гом дуары политикайы иузæрон, – уый фæдыл Гуырдызстоны хихъахъæнады министр Леван Изория  парламенты рабадтыл расидтис.

НАТО-йы   саммиты кæрон 29 æмцæдисон бæстæйы лидертæ Брюсселы саммиты деклараци райстой. Тексты  Гуырдзыстоны  фæдыл ныхас ис цалдæр хатт.

Декларацийы 65-æм статийы банысангонд  у, цæмæй  цæгат-атлантикон  альянсы лидертæ  ноджы  иу хатт бæлвырд кæнынц, цæмæй  НАТО, гом дуары политикæйы æмзæрдæ у æмæ Гуырдзыстон æнæмæнгæй суыдзæн альянсы   уæнг.

«Ноджы иу хатт фæлхатт кæнæм, 2008 азы  Бухаресты  саммитыл  ист уынаффæ,   ома  Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы  уæнг  æмæ  ацы  процессы  скæнæг  хай у  уæнгсуæвыны архайадон  план (МАР), кæцы  йæ  тыхы  зайы.  Мах ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм  цæмæй  ацы  уынаффæты  алы  элемент дæр  æнæивгæ  сты.   Райгонд стæм  Гуырдзыстон  2008-æм азы  фæстæ цы прогрессмæ  æрцыд  уымæй.  Афтæдæр,   райгон стæм  уыцы   централон    ролæй,   кæцы  НАТО-Гуырдызстоны  камис  æмæ    афæдзон   националон   программæ  сæххæст кодта   Гуырдзыстоны æмæ НАТО-йы   æхсæн политикон  диалогы æмæ   æмгуыстады   фæарфдæры.   Райгонд стæм Гуырдзыстоны  æрдгæй   реформæты  ауадзыны  æмæ  цы нысаниуæгджын прогрессмæ  æрцыд  уымæй, кæцы  афтæдæр  хъуамæ адарддæр  уа,  æмæ аспирант  паддзахадæн НАТО-йы  уæнгдзинадмæ бацæттæйы хъуыддаджы куыд æххуыс кæны,   афтæдæр   фæтынгдæр кæндзæн   Гуырдзыстоны  хæдригъæфхъомад æмæ   ацы  бæстæйы    æфсæддон тыхты   НАТО-йы стандарттæм æрыввахс кæндзæн. Гуырдзыстон-НАТО-йы  ахастыты  ис  алы   практикон   амал,  кæцы йæ  НАТО-ы  уæнгдзинадмæ бацæттæ  кæндзæн.   Мах Райгонд стæм  НАТО-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  ахастыты   фæарфдæр кæнынæй,    куыд фæтыхджынæргонд   фадæтты  партнеры   Сау Денджызы   æдасдзинады  æмæ  банкъаринаг прогрессæй, кæцы  НАТО-йы  архайдон пакеты  фæлгæтты   цалдæр  инициативæйы  имплементацийы  къуымæй  у  ист», –  дзырдæуы    декларацийы   65-æм  статийы.