Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады министр Леван Изориа афысым кодта йæ сомихаг коллегæ Виген Саргсянæн. Хъаххъынынады министрады информацийæ министртæ дыууæ бæстæйы æхсæн хъаххъæнынады сферæйы æмгуыстады фарстытæ æркастысты æмæ ныфс равдыстой, цæмæй фидæн азы ахастытæ ноджы фæарфдæр уыдзысты зæгъгæ. Фембæлдыл хъусдард здæхт æрцыд æфсæддон ахуыры æрдæм æмæ æфсæддон медицинæйы къабазы æмгуыстдыл. Леван Изориа уазæгæн банхъарыд Сомихыстоны гарзджын тыхты минæвæрттæн Сачхерейы уæлхох бацæттæйы скъолайы къурсыты ацæуын.
Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны Республикæйæ хъахъхæнынады къабазы дыууæфарсон æмгуыстады форматы къуындæг бастдзинад ис. 2017 азы дыууæфарсон æфсæддон æмгуыстады планыл къух Леван Изориа æмæ Виген Саргсян, ивгъуыд азы бафыстой. 2018-æм азы дыууæфарсон æмгуыстады фæлгæтты, дыууæ бæстæйы хъаххъæнынады уагдæтты æхсæнгн, бирæ æнтыстджын æмæ интенсивондæр суыдзæн.
Фембæлдыл ныхас афтæдæр сырæзт, регионы æдадсзинады уавæр æмæ уæвæг сидтытæм. Министртæ ацы контексты Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны хæларсыхагон, æмгарон ахастыты нысаниуæг хаххгондæй банысан кодтой.