Леван Изория – активон резервон куыст пилотон проекты хуызæй ацы аз скусдзæн
Леван Изория – активон резервон куыст пилотон проекты хуызæй ацы аз скусдзæн

Активон резервон куыст пилотон проекты хуызæй ацы аз скусдзæн æмæ фыццаг этапыл 260 адæймагы райст план кæны – уый фæдыл Гуырдызстоны хихъахъæнады министр Леван Изория хицауады рабадты фæуды фæстæ  расидтис.

Министры ныхасмæ гæсгæ, ацы нысанæй министрады бюджетæн æхца рахицæн ис.

Леван Изория банысан кодта, цæмæй æхца рахицæн ис уыцы хицаудзинады электронон системайы сарæзтæн дæр, кæцы йæ зæрдыл дары мобилизацион резервы процессы сарæзт.

Хихъахъæнады министры сбæлвырдмæ гæсгæ, ныхас цæуы 45 бонон бацæттæйы курсыл æмæ стыр инфраструктурайы æнæмæнгдзинад нæй.

Леван Изорияайы ныхасмæ гæсгæ, ныхас у ууыл æмæ ахуыр æмæ бацæттæгонд кадртæ ма уой сæфт æмæ æрцæуа сæ бахъахъæд.

Министр расидтис цæмæй хицауад парламентæн абон арвиццæн законпроект. Йæ ныхасм æгæсгæ, бюройы куыддæридæр æрцæудзæн каст снысангонд законыпрокт афтæ хицауад активонæй баиу уыдзæн снысангонд фарстайы бакасты процессмæ.

 

Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрад резерв æмæ мобилизацийы ног концепци парахат кæны

Министрады информацимæ гæсгæ, бæстæйы хъахъæд æрмæст гуырдзийаг æфсæдæтты нæ фæлæ ма алы æмбæстагы   хæс у. Гуырдзыстоны хихъахъæнады министрад «Стратегион бакасты документы» бавдыста тоталон хъахъæды принцип, кæцыйы резерв æмæ мобилизацийы эффектон системайы арæзт иуæй иу нысаниуæгджын у.

«Нæ резервы концепцийы нысан у, тоталон хъахъæды Гуырдзыстоны æмбæстæгты уæрæх бастдзинад æмæ мобилизацийы ресурсы оптималон реализаци

Ног концепцимæ гæсгæ, сырæздзæн дыууæ типы резерв – активон резерв æмæ мобилизацион резерв.