Леван Изория – АИШ-Гуырдзыстоны æммахастытæ ног этапмæ ахызтысты

Леван Изория – АИШ-Гуырдзыстоны æммахастытæ ног этапмæ ахызтысты

Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ АИШ-ы хихъахъæнады нымæрдары фембæлдыл акцент Гуырдзыстоны арæзт æмæ цæугæ реформæтыл сырæзт. Мюнхены æдасдзинады конференцийыл гуырдзийаг делегацийы уæнг, Гуырдзыстоны хихъахъæнады министр Леван Изория журналисттæн расидтис, цæмæй фемблæдыл бахха кодтой хихъахъæнады уагдоны реализгонд реформæтæ.

АИШ- даргъ кæны Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад, куыд хихъахъæнады фæбæрзонды, афтæ дæр евроинтеграцийы процессы – уый фæдыл АИШ-ы хихъахъæнады нымæрдар Джеймс Метис Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвилиимæ фембæлдыл расидтис.

Премьер АИШ-ы хихъахъæнады нымæрдарæн стыр бузныг расидтис Гуырдзыстоны активон фарсылхæцындзинады фæдыл æмæ банысан кодта, цæмæй ивгъуыд аз Америкайы ног администрацийы фарсылхæцындзинадæй, дыууæфарсон æммахастытæ тынг æнтыстджын уыдысты.

Фарсытæ бакастысты регионы æдасдзинады фарстатæ æмæ Уæрæсейы агрессивон архайдтытæ Гуырдзыстоны окупиргонд регионты æмæ адæймагы барты къуымæй уыцы уæвæг уæззау уавæр.