Леван Изориа - НАТО-Гуырдзыстоны бындурон пакеты фæлгæты Германи суыдзæн нысаниуæгджын æмæ амбицион инициативæйы æххуысгæнæг бæстæйæ
НАТО-Гуырдзыстоны бындурон пакеты фæлгæты (SNGP) Германи нысаниуæгджын æмæ амбицион инициативæйы æххуысгæнæг бæстæ суыдзæн – уый фæдыл Гуырдзывстоны хъахъъхæнынады министры æмæ Германийы Федерацион Республикæйы хъахъхъæнынады министры хæдивæгы фембæлды фæстæ фæбæрæг ис.
«Германий æвдисы цæттæдзинад æнцой бадара НАТО-Гуырдзыстоны бындурон пакеты фæлгæтты ахæм нысаниуæгджын æмæ серьозон инициативæ сæххæстæн, цахæм дæр у контрмобилондзинады инициативæ. Ацы нысаницæгджын компонентæн æххуысы хъуыддаджы, кæцы Гуырдзыстоны фидæны азы хъуамæ сæххæст уа, Германи уыдзæн лидер бстæ» райхъусын кодта Леван Изориа.
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады информацийæ, министр немыцаг уазæгæн сфысым кодта хъапхъхъæнынады министрады.
Леван Изориа докторПитер Тоиберæн Германийы æрдгæй политикъон æмæ практикон æххуысы тыххæй бузныг загъта. Фембæлдыл фæрстæ фæуынаффæ хъахъъæнынады къабазы кодтой дыууæ бæстæйы æхсæн цæугæ æмæ фидæны æмгуыстады фарстытыл. Фембæлдыл хъусдард раздæхтой Афгъанистаны «Хъæддых æххуысы» миссийы гуырдзаиг æмæ немыцаг æфсæддæтты иумæйаг хайады æрдæм. Доктор Питер Тоибер банысан кодта гуырдзиаг æфсæддæтты профессионализм æмæ партнерты æрдæм иузæрдыгдзинад