Мухатгвердийы æфсымæрон ингæныл, Гуырдзыстоны националон хъайтары Гиорги Анцъухелидзейы гуырæн бонмæ гæсгæ, Анцъухелидзейы ном ссардта хъахъхъæнынады министр Леван Изориа.
Хъахъхъæнынады министры ныхæстæм гæсгæ, Анцъухелидзе зæгъгæ у нæ эпохæйы хъайтар.
«Йæ хинывондæй ноджы иу хатт фæтыхджындæр кодта нæ историон мысæн æмæ рард бахъахъхъæнай дæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ намыс. Абон нæ хæс у, максимум саразын, цæмæй фæтыхджындæр кæнæнм нæ бæстæ, уый нымæцы хъахъхъæнынады сферæйы дæр, цæмæй нæм уа фыдыбæстæйы уарзондзинады адекватон алы фадат æмæ хæдиргъæфхъомад»- райхъусын кодта Леван Изориа.
Гиорги Анцъухелидзе 1984 азы 18 августы Ахметайы районы Дæллаг Аваны райгуырд Анцъухелидзе 2001 азы æфсæддон-æнæмæнг Тбилисы службæйы фæстæ ахызтис Сенакъмæ.
Августы хæсты хъайтар, IV фистæг бригадæйы, 41-æм батальоны кстæр сержант, 2008 азы 9 августы, Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты рæстæджы, иуæй-иу быцæуæмбæлды фæстæ, уацары фæцис. Æрфарсты æмæ хъизæмары фæстæ та, 23 аздзыд æфсæддоны, Цхинвалы 5-æм скъолайы цур, æфсымæрон уæлмæрдыл хъизæмарæй амардтой.
Анцъухелидзе 2008 азы ноябры онг, æвæндаг сæфтыл нымад цыдис, фæлæ Цхинвалæй 10 гуырдзиагы мард куы раластой, уæд фæбæрæг цæмй сæ иу уыдис ирон спеаратисттæ кæцы гуырдзиаг æфсæддоны амардтой уый.
Гиорги Анцъухелидзейæн дыууæ хъæбул баззад.