Леван Иоселиани хъусын кæны, цæмæй МХМ, Меликишвилийы митингы хайадисджыты ахсын куы райдыдта, уæд митинг уыд сабырадон æмæ æмбырдты сæрибардзинады стандарттæм гæсгæ.
Леван Иоселиани сиды, цæмæй мидхъуыддæгты министрад Меликишвилийы митингы хайадисджыты ахст куы райдыдта, уæд митинг уыд сабырадон æмæ æмбырды сæрибардзинады стандарттæм гæсгæ. Уый фæдыл æхсæнадон хъахъхъæнæгы аппарат рапарахат кодта расидæн.
Уагдоны информацийæ, æхсæнадон хъахъхъæнæгы минæвæрттæ ацы рæстæгмæ цæуынц ахст æмбæстæгты бабæрæг кæнынмæ, се æхсæн уыцы æмбæстæгтæ, кæцытæ уагдоны информацимæ гæсгæ физикон цæфтæ райстой æмæ клиникæтæм фæхæццæ сты.
«Æхсæнадон хъахъхъæнæг банысан кæны, цæмæй уыцы рæстæджы, кæд æмæ мидхъуыдтæгты министрад Меликишвилийы проспектыл митингы хайадисджыты ахст райдыдта, митинг уыд сабырадон æмæ æмбырды сæрибардзинады стандарттæм гæсгæ. Уыцы рæстæджы, гæнæн ис, æмæ æмбæстæгтæм пъæлицæйы æрдыгæй æнæмбæлон ахаст уыд, кæнæ та æгæр тыхæй спайда кæныны цаутæ.
Афтæ дæр хъусинæгтæм гæсгæ, ахстгондты æхсæн ис журналист Серги Барамидзе, кæцы, зындгонд куыд у, афтæмæй йæ ахсты рæстæджы профессионалон архайдтытæ кодта. Афтæ дæр парахат кæны информаци æндæр журналистты ныхмæ гæнæн фыдракæндты тыххæй. Æхсæнадон хъахъхъæнæг фидарæй нысан кæны, цæмæй журналисты профессионалон архайды хъыгдарын нæй гæнæн. Æхсæнадон хъахъхъæнæг сиды мидхъуыддæгты министрадмæ сифтонг кæной протестгæнджыты сабырадон æмбырды сæрибардзинад, журналистты архайд ма хъыгдарой æмæ карзæй æххæст кæной æнæмæнгхъæуындзинады æмæ пропорциондзинады критеритæ ахсты мадзæлттæй æмæ сæрмагонд фæрæзтæй пайда кæнгæйæ», – уый фæдыл æхсæнадон хъахъхъæнæджы офисы расидæны ис фыст.