Леван Иоселиани – Гуырдзыстон аккаг у Евроцæдисы кандидаты статус райса, мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ æмбæстæгты ныфсытæ фæраст уыдзысты
Парти «Æмбæстæгты» уæнг Леван Иоселианийы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон аккаг у, лæвæрд йæм уа Евроцæдисы кандидат бæстæйы статус. Леван Иоселианийы хъуыдымæ гæсгæ, æмбæстæгтæн сæ ныфсытæ фæраст уыдзысты.
«Гуырдзыстон аккаг у кандидаты статус райса. Аккаг у уыцыф æндаджы тыххæй, кæцы рацыдис фæстаг 30 азы дæргъы, уыцы хæстыты тыххæй, кæцыты бавзæрста Уæрæсеимæ фæсчтаг 30 азы мидæг. Афтæдæр адæмы ахасты æмæ фæнды тыххæй, кæцы сæм ис Евроцæдисмæ. Ай æппæт тыххæй, Гуырдзыстон Евроцæдисы кандидаты статусы аккаг у. Хъуыдыкæнын, æмбæстæгты ныфсытæ хъуамæ фæраст уой» – загъта Леван иоселиани.
Уыимæ ма Иоселиани бафтыда,ц æмæй йæм нæй информаци, кæй фæнды оппозицийæ, цæмæй Гуырдзыстонæн кандидаты статус ма раттой. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ ацы фарстыл куы ныхас кæнынц,уæд уыдоны тыххæй ныхас кæнын хæъуы æргомæй, нæмттæ ранымайгæйæ.