Леван Авалишвили – «Уацхæсæгы фæдыл» законыл президент вето хъуамæ сывæра
Сæрибардзинады размæцыды институты бæрнон Леван Авалишвили сиды, цæмæй «Уацхæсæгы фæдыл» законыл президент вето хъуамæ сывæра æмæ мотивиргонд фиппаинæгтимæ парламентмæ арвита.
Йæ ныхасм æгæсгæ «Уацхæсæгы фæдыл» законмæ баххæсинад ивæндзинæдтæн сериозон фиппаинæгтæ ис.
«мæн фæнды банысан кæнон, цæмæй ацы фарстайыл иу хъуыды парламенты дæр нæй æмæ никæцы нысаниуæгджын комитетæн дæр нæ цæуы йæ зæрдæмæ, кæцы ууыл сиды æмæ законмæ баххæсинаг ивæндзинæдтæ сты фиппаинæгтимæ» -расидтис Авалишвили.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, ивæндзинæдтæ фыццаджы дæр хæдбар медия компанийы базарыл цæф æрхæсдзысты æмæ рекламон æфтиаг фæкъаддæр кæндзæн.
«Мах парламентмæ басидтыстæм, цæмæй ацы проект баивтаиккой, кæцы хъыггыгæн уæрæх бастдзинадæй нæ уыд куыст æмæ тынг бирæ проблемæ уыд. 50—милуанон финансирдзинады уавæрты, ахæм законы райст релевантон къахдзæф нæу» -расидтис Авалишвили.