Леван Акин -сæрыстыр дæн, алы кинотеатр дæр плангонд фильмы æвдыст нæ фехæлдта
Леван Акин -сæрыстыр дæн, алы кинотеатр дæр плангонд фильмы æвдыст нæ фехæлдта

Леван Акин -сæрыстыр дæн, алы кинотеатр дæр плангонд фильмы æвдыст нæ фехæлдта
Тынг сæрыстыр дæн алы кинотеатр дæр плангонд фильмы æвдыст нæ фехæлдта – уый фæдыл фильм “æмæ мах акафдзыстæм” -ы режиссер Леван Акин инстаграмы сæрмагонд фарсыл фыссы.
“Сæрыстыр дæн, алы кинотеатр дæр плангонд фильмы æвдыст нæ фехæлдта æмæ солидарондзинад раисдтис. Гуырдзийаг аудитори федта фильм. Ацы тох нырма дард у уæлахиздзинадæй. Тынг сæрыстыр дæн алы уыцы кæсæгæй кæцы йæ позицийыл баззад æмæ нæ фæтарст” – фыссы режиссер.
ГуырдзийагШвецийы уæвæг режиссер Леван Акины фильм And Then We Danced -ы премьера Гуырдызстоны абон, æстæм ноябры сырæздзæн. Сюжет æрыгон кафæгты фæдыл у, кæцыйы цард дæр радикалонæй уый фæстæ фæивта йæ оппоненты куы бауарзта.
Мидхъуыдтæгты министрад – ахстгнод сты 27 уæнг
Мидхъуыдтæгты министрады информацийæ, æстæм ноябры, фильм “æмæ мах кафыдыстæм” премьерайы хæлды фæдыл арæзт протестон акциты рæстæджы 27 уæнг уыд ахстгонд, цыппар инциденты фæдыл фæдагуырд даргъ кæны æмæ афтæ дæр фото-видео æрмæджыты бацахуыр.
Министрады информацийæ, æстæм ноябры Тбилис æмæ Батумы æхсæз кинотеатры плангонд алы фильмы æвдыст сырæзт.
Барадхъахъæнджытæ даргъ кæнныц фæдагуырдон мадзæлттæ аххосджынты ныхмæ сæ рабæрæг æмæ æфхæрды нысанæйæмæ афтæ дæр фото-видео æрмæджыты бацахуыр.