L’Équipe -  Гиорги Микаутадзе «Лионимæ»  контракт  2028 азмæ  бафыста, «Мецц» 18,5 милуан евро райсдзæн #1TVSPORT
L’Équipe - Гиорги Микаутадзе «Лионимæ» контракт 2028 азмæ бафыста, «Мецц» 18,5 милуан евро райсдзæн #1TVSPORT

Гуырдзыстоны æмбырдгонды  футболист, Гиорги Микаутадзе, «Олимпик Лион»-имæ  контракт бафыста.   Бадзырд  2028  азы  июнмæ уыдзæн йæ тыхы æмæ  «Мецц» 18,5 милуан  евро райсдзæн, – информаци хъусын кæны  францаг рауагъдад «L’Équipe».

«Микаутадзейæн  къуырисæры изæр, «Мецц»  ратта бар клубæй ацæуын.  Уый  «Лионы»  къухдариуæгадимæ  бадзырды  фæстæ æрцыд.

23 аздзыд гуырдзиаг форвард  æртыццæджы  медицинон басгæрст ацыд   æмæ трансферы   фæстаг деталты  сбæлвырд кæнынмæ æнхъæлмæ каст.

Цыппæрæмы  уый  4  азон контракт бафыста  æмæ йæ  уарзон клубы, кæцыйы  15 азы  кары ныууагъдта,  формæйы  кондæй  къам айста.

Клуб ногсидтоны боны кæронмæ  базонын кæндзæн йæ  сæрхъызойтæн», – фыссы L’Équipe.