Лексо Лашкаравайы йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой йæ коллегæтæ аплодисменттимæ
Лексо Лашкаравайы йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой йæ коллегæтæ аплодисменттимæ

«Тв Пирвелийы»  оператор Лексо Лашкаравайы  йæ фæстаг  фæндагыл  афæндараст кодтой.

Операторы Иоселианийы уынгыл йæ хæдзарæй  цалдæр минуты размæ  рахастой.

Йæ  коллегæтæ  оператортæ  хæдзары раз,   бынмæ  уагъд камерæтæй   кæлидор сарызтой.

«Тв Пирвелийы»  операторы  хæдзары цур   сæумæрайсомæй  бирæ адæм уыд, панихидæйыл уыдысты йæ коллегæтæ,  политиктæ æмæ  хуымæтæг æмбæстæгтæ.  Лексо Лашкарава  дыууæ боны размæ  æрбамард. Уый  5 июлы  акцийыл фæцæф ис. Операторы «Тбилиси прайды» ныхмæ чи уыд, уыцы  контракцийы хайадисджытæ фыднад скодтой,  Лексо йæ кусæн хæстæ куы æххæст кодта,  уæд.