Латвийы президент - Ныфс мæ ис, ссардзыстæм фæндæгтæ, цæмæй Гуырдзыстон сфæрæз кæна, æндиудæй зæгъын, цæмæй у хæдбар бæстæ, æмæ йын оккупацигонд территоритæ нæй
Латвий адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн фарс хæцын – уый тыххæй Латвийы президент Раймондс Вейонис, гуырдзиаг коллегæ Саломэ зурабишвилиимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Саломэ Зурабишвили æмæ Раймондс Вейонис медийæн иумæйаг фидиуæнтæ комкоммæ фембæлды фæстæ сарызтой.
Латвийы президенты ныхæстæм æгсгæ, зæгъгæ фембæлды фылдæр хай æдасдзинады æмæ хъахъъхæнынады фæдыл ныхас уыд.
«Дæс азæй фылдæр рацыд Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст Уырыссаг агрессийы фæстæ, кæцы йеуæд Латвий бафаудта æмæ ноджы дарддæр кæндзæн Уæрæсейы агрессийы, æмæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны оккупацийы фауын. Латвий адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны территоритон æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн фарс хæцын, уый нымæцы æхсæналæмон организациты уый æппæт демонстрацийы фæндагæй. Ныфс мæ ис, ссардзыстæм фæндæгтæ, цæмæй Гуырдзыстон сфæрæз кæна, æндиудæй зæгъын, цæмæй у хæдбар, сæрибар бæстæ, æмæ йын оккупацигонд территоритæ нæй» – райхъусын кодта Раймондс Вейонис.
Латвийы президент куыд банысан кодта афтæмæй, Латвий Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг миссийы уæнг у æмæ ацы аз уæнгты нымæц фæфылдæр кæнын хъавы.
«Ацы аз хъавæм Евроцæдисы цæстдарæг миссийы нæ минæвæртты нымæц фæфылдæр кæнын. Ныфс мæ ис, цæмæй цæстдарæг миссий нысаниуæгджын хайбавæрд скæндзæн Гуырдзыстонæн фарсхæцыны фарстайы» – загъта Латвийы президент.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны æмæ Латвийы дыууæфарсон ахастытæ ахуырады, базарады, туризмы кабæзтыл хæлиу кæнынц æмæ фæрстæ базарады æрдæм æмкуысткæнынадыл æрынхас кодтой.
Саломэ Зурабишвили латвийаг коллегæимæ, Латвимæ визиты фæлгæтты фембæлд, цы ран уый делегациимæ иумæ уæвы.