Латвийы, Лиетувæйы, Эстонийы æмæ Исландийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ  Гуырдзыстонмæ æрцыдысты
Латвийы, Лиетувæйы, Эстонийы æмæ Исландийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ Гуырдзыстонмæ æрцыдысты

Латвийы, Лиетувæйы, Эстонийы æмæ Исландийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ, Баиба Браже, Габриелиус Ландсбергис, Маргус Цахкна æмæ Тордис Колбрун Рейикфьорд Гилфадоттир  Гуырдзыстонмæ æрцыдысты.  Фæнысангонды фæдыл  информаци Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр Маргус  Цахкна  хъусын кæны соиалон хызæгтæй.

«Мах æрцыдыстæм Гуырдзыстонмæ.  Тынг вазыгджын  рæстæджы уын  уæ бон  у  уæ  хæлæртты  ныфс уæм уа», – фыссы   Цахкна  æмæ  коллегæтимæ  иумæйаг  къам  публикаци кæны.

Гуырдзыстонмæ æрцæуыны фæдыл фыссы Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Габриелиус Ландсбергис дæр.

«Æрцыдыстæм Гуырдзыстонмæ, цы ран  радон тох цæуы  демократийæн,  сæрибардзинадæн æмæ европаг  фидæнæн», – фыссы   Габриелиус  Ландсбергис.