Ларс Локе Расмусен -  Дани  разы у Гуырдзыстоны  европаг тырнынадтимæ, кандидаты статусы  тыххæй  мæ бæстæйы дзуапп уыдзæн - О
Ларс Локе Расмусен - Дани разы у Гуырдзыстоны европаг тырнынадтимæ, кандидаты статусы тыххæй мæ бæстæйы дзуапп уыдзæн - О

Гуырдзыстонæн ныр нысаниуæгджын рæстæг  лæууы.  Дани йæ фарс дары  Гуырдзыстонæн  европаг тырынанды, кæцы  æнцойæвæрд у  адæймаджы бартыл, закъоны сæйрагдзинадыл æмæ  хæдбар демократон институттыл –у ый фæдыл  Данийы фæсарæн хъуыддæгты министр  Ларс Локе Расмусен  Гуырдзыстоны фсарæн хъуыддæгы министр   Илиа Дарчиашвилиимæ иумæйаг  брфингыл   райхъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй,   зæгъгæ Дани Гуырдзыстонæн ацы фæндагыл йæ фарс рахæцдзæн.

«Ныр Гуырдзыстоны бар у, сыххæст кæна  амбициты æмæ тырнынадты  реализаци.  Фæнды мæ  бауырнын уæ кæнон,ц æмæй Дани уын ацы  фæндагыл  уæ фарс рахæцдзæн.  Фæнды  мæ  фадатæй спайда кæнын  æмæ  зæгъон уын,  цæмæй кандидаты статусы  фæдыл мæ бæстæйы  дзуапп уыдзæн – О! Сымах райсдзыстут  кандидаты  статус   фæззæджы, куы фендзыстæм   рекоменадцитæ Еврокомиссийæ  уæд. Уый у  схуытдзинады баст фæндаг  Евроцæдисмæ.  Уый æппæт баст у  Коппенгагены  критеритимæ.  Фæнды баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн, сыххæст кæна  ацы домæнтæ.  Кæд Гуырдзыстон рекомендациты æмæ райуæрстытыл  бындурæвæрд ацы домæнты сыххæст кæндзæн, уæд Дани  сразы уыдзæн  кандидаты статус раттынимæ» –  райхъусын кодта Ларс Локе Расмусен.