Кворум кæй нæ уыд уый аххосæй, 2019 азы паддзахадон бюджеты проект халæппæрстмæ рахæссын нæ бантыст
Кворум кæй нæ уыд уый аххосæй, 2019 азы паддзахадон бюджеты проект халæппæрстмæ рахæссын нæ бантыст

Гуырдзыстоны парламенты  пленарон  сессийыл  кворум  кæй нæ уыд уый аххосæй, 2019  азы  паддзахадон бюджеты   проект  халæппæрстмæ рахæссын   нæ бантыст –  уый фæдыл  Фыццаг Къаналы журналист хъусын кæны.

Парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзе  куыд райхъусн кодта афтæмæй,    рабадтыл уыд æрмæсот 69 депутат, цæй тыххæй дæр  фарстайæн   хал сæппарын  нæ   рауад.

«Коллегæты æнæбæрнон   ахасты  тыххæй,  абон  халæппæрст нæ сырæздзæн»   райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

2019 азы  паддзахадон бюджеты проект халæппæрстмæ сом, пленарон  сессийыл рахæсдзысты.

Фидæны азы бюджеты  ассигнациты бæрц, 13 миллиард 90  милуанмæ æххæссы,  кæцы  2018 азы  бюджетимæ абаргæйæ  600 милуан ларийæ фылдæр у.