Квешети-Къобийы фадыгыл фарасткилометрон тунелы арæзтад специалонæй проектæн арызт гарзæгæй цæуы [фото]
Квешети-Къобийы фæндагон фадыгыл фарасткилометрон тунелы арæзтад активон фазæйы ис. Специалонæй проектæн арызт гарзæгя, – ТВМ-ы фæрцы, 1,7 километрон фадыг нырид ракъахтой.
Хуынкъ кæныны параллелонæй цæуы бетонæй фидар кæныны куыстытæ дæр. Фæнысангондæн хъæугæ æрмæг цæттæ кæнынц уыцы локацийыл уæвæг заводы. Ацы тунелы арæзтады параллелонæй Цъкъере-Къобийы фадыгыл цæуы фарасткилометрон тунелы параллелон эвакуацион тунелы къахт дæр. Куыстытæ райдаыны бонæй ацы афонмæ ракъахтой 3 103 метры.
23 километрон фæндаг, кæцы æмтгæй райсгæйæ фондз хиды æмæ фондз тунелы арæзтад æмæ афтæдæр иу хиды реабилитаци дары йæ хъуыдйы, 2024 азмæ хуъамæ фæуа. Проекты æмтгæйон аргъ у 1,2 миллиард лари.
Ног фæндаджы фæрцы, Квешет-Къобийы иугæнæг фæндаджы дæргъ 12 км-æй фæцыбырдæр уыдзæн, балцы рæстæг фæкаддæр уыдзæн 45 минутæй.