Куысты кодексы реформæйы инициатортæ куысты дискриминаци фæтобæ кæнын æмæ сылгоймæгты барты фæтхджындæр кæныны фарстатыл уынаффæ кæнынц. Кусæн кодексы реформæйы фæлгæтты ай радæй дыккаг фембæлд у.
Закъонопроекты иуæй-иу инициатор Димитри Цкитишвили интересджын фарсытимæ кæсы кодексмæ бахæссинаг ивдтытæ. Дискуссийы сæйраг темæ кусæн дискриминацийы фтæобæ кæнын æмæ сылгоймæгы барты фæтыхджындæр кæнын, афтæдæр декретон уагуадзæны ног регулирдзинад у.
Цкитишвилийы дзырдæй, хицæн секторы декретон уагуадзæны аууæлттæ хъуамæ æрыввахс уа хицауадон секторы архайæг аууæлттимæ, паддзахад хъуамæ сфинанс кæна хицæн секторы кусæгы декретон уагуадзæн йæ мызды 80%-æй.
Депутаты фидиуæнæй, зæгъгæ ис æви нæ паддзахадмæ уый ресурс, уый фæбæрæг уыдзæн консультацитæй.