Куыд змæлдзæн транспорт Тбилисы Чъавчъавадзейы проспекты реабилитацийы периоды
Тбилисы, Чъавчъавадзейы проспекты реабилитацийы тыххæй, транспорты змæлды схемæтæ æмæ æхсæнадон транспорты маршруттæ рæстæгмæ ивд æрцæудзысты.
Мерийы информицийæ, транспортон коллапсæй хи бахизынæн, уынг æртæ фадыгыл адих уыдзæн. Фыццаг этапыл, плангонд у арæнвæрд Варазисхевийæ Атъэны уыджы онг. Ацы фадыг дыууæфрсонæй æхгæд æрцæудзæн. Автотранспорты змæлд, Варазисхевийæ Къекъелидзейы арæдмадæй æрцæудзæн ивд. Реабилитацийы фæдылдзог этапыл гæнæн ис Чъавчъавадзейы проспект æрмæст иуфарсонæй æрцæуа æхгæд.
«Вакейы цалдæр уынгыл иуфарсон змæлд уыдзæн, æрмæст хицæн фадгуытыл уæвæг иуфарсон змæлды ардæмадтæ ивд æрцæудзæн% Къекъелидзейы, петриашвилийы, Палиашвилийы æмæ Мирцхулавайы уынгты фадгуытыл. Афтæдæр иуфарсон змæлд уыдзæн: Арахъишвилийы уынджы, Палиашвилийы æмæ Абашидзейы уынгты æхсæн фадыгыл, АБашидзейы уынгыл Арахъишвилийæ Тымбыл паркъы æрдæм æмæ Барновы уынг, Тымбыл паркъæй Петриашвилийы уынджы онг.
Æхсæнадон транспортæй сифтонг кæнынæн, стыр автобустæ N9, N21, N51 æмæ N88 ХЪайтарты фæзуатæй Вакейы æрдæм Сабурталойы уылты змæлдзысты. Уымæй дарддæр ма, рæстæгмæ фæцыбырдæр уыдзæн N61, N87 æмæ N140 автобусты маршруттæ. Æрмæст №34 æмæ №59 автоубстæ æмæ микроавтобустæ Чъавчъавадзейы проспектмæ, цæудзысты Къекъелидзейы, Палиашвилийы, æмæ Мирцхулавайы уынгты уылты» – банысангонд у мэрийы ахæлиугонд информацийы.