Куыд цæттæ кæны Европæйы политикъон центр Цыппурс æмæ Ног Азмæ (фото /видео)

Европæйы политикон  центр, Брюссель  цæттæ кæны Цыппурс æмæ  Ног Азы бæрæгбонтæм.  Фыццаг Каналы   журналист  Бельгийы сæйраг сахарæй куыд хъусын кæны афтæмæй,  централон фæзыл, сæйраг Назы   цур бынæттонты æмæ туристтæн,   лæвæрд æрцыд «Лайт Шоу2017».

Брюсселы Централон  фæзмæ бацæуæг  уазджытæн  æмæ бынæттонтæн,  алы сахаты  мидæг иу хатт уыдзæн фадат   феной «Лайт Шоу»-йы  15 минутон   программæ.

Шоу  централон фæзыл  сæйраг Назы  бæласы æмæ  бæстыхæйтты срухс кæнынæй,  Чайковскийы  композициты фоныл райдаы æмæ   афтæдæр  рухсгонд бæстыхæйтты  фоныл, Шостаковичы  дыккаг вальсæй  фæуд кæны.

Бельгийы сæйраг сахары, сæйраг цыппурсон Назы  бæласы цур, «Лайт Шоу 2017»-ы фенын, гæнæн уыдзæн 9  январы  онг.