Куыд æрæвæрдта Дунейы рекорд Вако Марчилашвили Рубикъы кубикы доны бын рæвдз кæныны [видео]
18 аздзыд Вако Марчилашвили абон Гиннесы рекорд æрæвæрдта. Гуырдзыстоны рекордты федерацийы хъусинагæй, Марчилашвили рекорд хъуамæ æрывæрдтаит, доны бын, иу ныуулæфтæй, максималон нымæцы стандартон Рубикъы кубиктæ срæвдз кæныны фæстиуæгæн.
Дунейы рекорд уæдмæ æрæвæрдта америкаг Энтони Брукс, кæцы доны бын фондз кубикы срæвдз кодта.
Мадзал абон Тбилисы, «Джино Передайсы» 13:00 сахатыл райдыддта. Рекорд æрæвæрыны процессмæ цæст дарттой федерацийы минæвæрттæ æмæ ног фæстиуæг дæр сфиксир кодтой – Вако Марчилашвили ног дунеон рекорд æрæвæрдта æмæ доны бын, иу ныуулæфтæй, æхсæз Рубикъы кубик срæвдз кодта.
Гуырдзиаг рекордсмен афтæдæр у Гуырдзыстоны дыууæхаттон уæлахиздзау Рубикъы кубикы срæвдзы.